НИЧИ ФЕРОХ, НИЦЫ ФЕРОХ!
Главная » Статьи » Мои статьи

НИЦЫ ФЕРОХ, НИЧИ ФЕРОХ!

Нӕ бӕстӕйы адӕмтӕй Уӕлахизы сӕраппонд сӕ цард цы дыууын милуан адӕймаджы радта, уыдонæй иу уыд не мзӕххон Хозиты Зауыр — зынгӕ ирон поэт Хозиты Яковы кӕстӕр ӕфсымӕр.

Ӕрыгон лӕппу, ӕхсӕрдӕс азы дӕр ыл нӕма цыди, афтӕмӕй ацыд хӕсты цӕхӕрмӕ. Скъоладзауы дарӕс раивта ӕфсӕддон уӕззау дарӕсӕй, фыссӕн сисы бӕсты йӕ къухмӕ райста хӕдӕхсӕн. Зауыр ма хъуамӕ скъолайы ахуыр кодтаид, уый та ӕрлаеууыд цард ӕмӕ мӕлӕты арӕныл. Уымӕн ӕмӕ Рай- гуырӕн бавстӕ тӕссаг уавӕры куы бахауд, уӕд ӕндӕр хуызы цӕрын йӕ бон нӕ уыд. Ацыд йӕ зӕрдӕйы фӕндыл. Йӕ зӕрдӕ та райгуырдӕй фӕстӕмӕ фндар бает уыд Фыдызӕхмӕ, Райгуырӕн бӕстӕмӕ, ног ӕхсӕнадмӕ. Уарзта сӕ ӕцӕг хъӕбулы уарзтавй. Ӕнхъӕлдта: кӕндзӕн сыл цины зарджытӕ, йе 'рыгон тыхтӕ ратдзӕн ног ӕхсӕнады ареезтадӕн, йӕ хистӕр ӕфсымӕры хуызӕн йӕ курдиат снывонд кӕндзӕн нӕ литературӕйӕн, фӕлæ... Ӕнӕхатыр у хӕст. Йӕ мад Сӕниат ма дзы фӕстаг фыстӕг райста 1942-ӕм азы, горӕт Харьковмӕ хӕстӕг уӕззау хӕстытӕ куы цыдысты, уаед. Ӕрыгон лӕппу, фӕскомцæдисон, ӕвзонг поэт, зынгзӕрдӕ хӕстон бацарӕфтыд хӕсты арты. Йӕ зарӕг нӕма райхъуыст, йӕ хъӕлӕс йӕ зӕрдӕ- йы фӕндиаг нӕма систа, афтӕмӕй фескъуыд.

Зауыр фыста уацхъуыдтӕ ӕмӕ ӕмдзӕвгӕтӕ, мыхуыры йын фӕзындысты газетты ӕмӕ журналты. Фыццаг уацмыстӕ. Литературæйы фыццаг фӕлварӕнтӕ. Фыццаг къахдзӕфтӕ. Нырма тӕмӕссонд, аивадон ӕгьдауӕй зылдхъуаг, фӕлвв дзы бӕрӕг бӕлвырдӕй зыны ӕрыгон лӕп- пуйы уды сконд авмӕ йӕ зондахаст. Нрдӕй дзы зыны: Райгуырӕн бӕстӕ бирӕ кӕй уарзы, куы бахъӕуа, уӕд ын йӕ цард дӕр кӕй снывонд кӕндзӕН, уый. Ӕмӕ нæ бирӕнацион бӕстӕ тӕссаг уавӕры куы ба­хауд, уӕд кӕнгӕ дӕр бакодта афтӕ.

Мыхуыр кӕнӕм Зауыры дыууӕ ӕмдзæвгӕйы.

ХЪӔБУЛЫ НЫХАС

Ӕрбайхъус-ма, мӕ Райгуырӕн,

Мӕ дзырд куы у дӕумӕ!

Дӕ риуыл ӕз куы сырӕзтӕн,

Мӕ Райгуырӕн бӕстӕ.

Кӕс-ма, мӕ мад, дӕ хъӕбулмӕ,

Куыд хъӕлдзӕг у йӕ цард!

 Уый йе знагмӕ, йӕ фыдгулмӕ

Фӕдардзӕнис цыргъ кард.

Куы сфӕнд кӕна бырсын знаг

Мӕ Райгуырӕн бӕстӕм,

Куы раласа йӕ мӕлгъ ӕвзаг —

Уыдзӕн лыстӕг дӕрӕн.

Мӕ фыстытӕй марг дардзынӕн

Фашизмы 'взӕр куитӕн.

Мӕ цард дӕу тыххӕй ратдзынӕн,

Мӕ уарзон Райгуырӕн.

Ӕрхъус, мӕ мад, йӕ зарӕгмӕ

Дӕ цинӕфсӕст фыртӕн.

Мӕ цӕсгом мын ныррухс кодта

Мӕ уарзон Райгуырӕн,

 

САБИЙЫ ЗАРӔГ

Хур йӕ тынтӕ райдзаст тауы

Стыр рӕсугъд бӕстыл.

Цин йӕ къабӕзтӕ ӕртауы

Хъӕлдзӕг рухс бæстыл.

Райдзаст, хъӕлдзӕг иууыл бӕстӕ,

Сабитӕ дзы хъазынц.

Хъӕдтӕ, кӕмттӕ, хъал цъӕх фӕзтӕ

Дзаг хъӕлӕсӕй зарынц.

Буц хъӕбулӕй мӕн рӕвдауы

Me 'цӕг мад — ныййарӕг,

Дзаг хъӕлӕсӕй ныр ӕз зарын,

Хъӕлдзӕг у мӕ зарӕг.

 

 

 

 

Категория: Мои статьи | Добавил: bolotaeva (09.04.2015)
Просмотров: 432 | Рейтинг: 0.0/0
Всего комментариев: 0
avatar